Нарты сау рувас

Раджы, тынг раджы зæххыл цардысты Нартæ. Уыцы рæстæджы уæларв зæдтæ зæххон адæммæ æргом цыдысты æмæ семæ иу фынгыл бадтысты. Адæм та мæргътæ æмæ сырдты æвзаг æмбæрстой, стæй æрдзы сусæгтæ зыдтой. 

Нартæ уыдысты бæрзонд, хæрзконд адæм. Сæ сæры хил хурмæ сыгъзæринау æрттывта, сæ цæстытæ – арвау цъæх. Ничи сæ æмбылдта хъару æмæ зондæй. Адæмæн æмбисондæн баззадысты сæ лæгдзинад æмæ се ’хсарæй. Фыдæй-фыртмæ сын сæ хабæрттæ диссагæн дзурынц. 

Æртæ мыггагыл дих кодтой Нартæ: Борæтыл, Æхсæртæггатыл æмæ Алæгатыл. Борæтæ зындгонд уыдысты сæ мулкæй, Æхсæртæггатæ – се ’хсарæй, Алæгатæ – сæ зондæй. Фæрсæй-фæрстæм цардысты, æрмæст алы мыггаг – хицæнæй. Сæ цæрæнуæттæ – хæстон фидæрттау. Борæты хуыдтой Уæллаг Нарт, Æхсæртæггаты – Астæуккаг Нарт, Алæгаты та – Дæллаг Нарт. Знæгтæ сын бирæ уыди, фæлæ сæм æргом нæ уæндыдысты. 

БАТРАДЗЫ ДЕНДЖЫЗÆЙ КУЫД РАСАЙДТОЙ

Денджызы дон-иу дзæбæх куы ныйих и, уæд-иу ыл Нарты сабитæ сæ зæрдæйы дзæбæхæн хъулæй хъазыдысты. Иуахæмы сæм денджызæй сæхи карæн къобор лæппу рацыди. Йæ цъæх цæстытæ раст сасиры йæстæ уыдысты. Сæ хъултæ сын уыцы æнцонæй амбылдта æмæ æхситтытæгæнгæ аздæхт. Уæдæй фæстæмæ, сабитæ ихыл фæзындысты, зæгъгæ, уæд та-иу сæм уыцы лæппу æнæмæнг рацыд. Иу бон куы уыди, уæд сæм иунæг хъул дæр нал ныууагъта, иууылдæр сын сæ амбылдта.

Лæппутæ æрцыдысты Нарты Ныхасмæ æмæ æнкъардæй сбадтысты. Сæ дзыхæй ныхас дæр нæ хауди. Хистæртæ дисы бацыдысты, адон цы кæнынц, зæгъгæ. Бафарстой сæ:

– Цæмæн афтæ æнкъард стут?

– Куыннæ уæм æнкъард, денджызæй нæм иу нæхи карæн æмæ нæхи æнгæс лæппу рацæуы, йæ ном – Батрадз, æмæ нын алы хатт дæр нæ хъултæ амбулы…

Зондджын Сатанайы хъустыл уыцы хабар куы ’рцыди, уæд æй базыдта: уый Хæмыцы фырт у.

Нартæ дис кодтой: хуызæй лæппу сæхи хуызæн уыди, цæргæ та денджызы бын кодта. Батрадзы фæдыл зилын райдыдтой, уæдæ йæ денджызæй цы хуызы расайæм, зæгъгæ. Бирæ фæлварæнтæ фæкодтой, фæлæ сын дзы ницы рауади – лæппу денджызæй æддæмæ нæ цыдис. Уæд Сатанамæ бацыдысты:

– Дæ Хуыцауы хатырæй, исты амал нын скæ, цы æфсонæй йæ расайæм, уый нын бацамон.

Сатана загъта:

– Мæнæ нæ зæронд лæджы денджызы былмæ акæнут. Йæ сæр ын схуылыдз кæнут æмæ йын æй дасут. Лæппу уæм, æнæмæнг, хæстæг æрбацæудзæни – сæр дасгæ никуы федта æмæ дистæ кæндзæни. Кæд дæ фæнды, уæд æй дæуæн дæр адасдзыстæм, зæгъгæ-иу, ын зæгъут. Уымæ хатын нæ бахъæудзæни. Цингæнгæ сразы уыдзæн. Йæ сæр ын куы адасат, уæд ын йæ сæры хъуынтæ денджызы бакалын ма ферох кæнут, æмæ уыйадыл лæппу донмæ нал бацæудзæн.

Ацыди Уырызмæг денджызы былмæ. Æрбадын æй кодтой кæстæртæ. Йæ сæр ын куы схуылыдз кодтой æмæ йыл сæрдасæн куы æруагътой, уæд лæппу æцæгдæр донæй рацыди. Йæ дыууæ къухы дыууæ галы рахаста. Сæппар-сæппар æмæ сæ æрцахс-æрцахс кодта, афтæмæй дисгæнгæ касти хилдасджытæм. Кæд дæ фæнды, уæд дæуæн дæр дæ сæр адасдзыстæм, зæгъгæ, йын куы загътой, уæд бацин кодта. Адастой йын йæ сæр, уæдæ цы, æмæ йын йæ сæры хъуынтæ, Сатанайы дзырдмæ гæсгæ, доны бакалдтой. Уыйадыл Батрадз денджызмæ нал баздæхти. Нарты фæсивæды фæдыл рацыди æмæ се ’хсæн цæрынтæ райдыдта.